Загрузка страницы

Алагиры районы бындурон цалцæджы фæстæ байгом кодтой культурæйы 2 хæдзары

Алагиры районы абон бындурон цалцæджы фæстæ байгом сты культурæйы 2 хæдзары. Дзуарыхъæу æмæ Мызуры. Бæстыхæйттæм базилын бантыст национ проект «Культурæ»-йы фæлгæты. Ныр, культурæйы райдзаст галуанты сфæлдыстадон къордты гæнæнтæ дæр фæуæрæхдæр уыдзысты.

Культурæйы ног артдзæст кадджын уавæры байгом. Дзуарыхъæуы цæрджытæн у æхсызгон хабар. Райдзаст, цалцæггонд бæстыхай. Концертон зал 150 бадæн бынатимæ æмæ кусæн уæттимæ. Раздæр та дзы кабинеттæ уæвгæ дæр нæ уыди. Ныры уавæрты сабитæ тынгдæр разæнгард кæндзысты сæ курдиат равдисынмæ. Зæрдæрайгæйæ архайдзысты къордты.

Дзуарыхъæуы культурæйы хæдзар 90 азæй фылдæр бындурон цалцæг нæ уыд. Заууат уавӕрмӕ æрцыд. Къултæ-иу згъæлын райдыдтой, цар тагъди, пъолтæ та ныккалдысты. 2019 азы национ проект «Культурæ»-йы руаджы хæдзар сног кодтой.

Ныр ам архайдзæн 8 сфæлдыстадон къорды. Кафджытæ, зарджытæ, театралон æмæ, сæхи къухæй сабитæ дзаумæттæ кæм аразынц, ахӕм къордтæ. Хæстæгдæр рæстæг ма сывæллæттæн фадат фæзындзæн нырыккон кæфтытыл сахуыр уывæн дæр. Битарты Вячеславы номæй культурæйы хæдзарæн балæвар кодтой фæндыр. Цалцæггонд бæстыхай йæ дуæрттæ кæй байгом кодта, уый фæдыл сабитæ æмæ хъæуы цæрджытæн арфæйы ныхæстæ ракодта респубикæйы хицауады сæрдар Тускъаты Таймураз.

Мызуры цæрджытæн абон рауад æцæг бæрæгбон. Культурæйы рагон хæдзары цалцæггонд бæстыхай байгом. Боситы Алихан у бынæттон цæрджытæй æппæты хистæр. Хорз ма йæ хъуыды кæны раздæр культурæйы хæдзары сфæлдыстадон къордтæ зыдтой æнæхъæн Уæрæсейы дæр. Фæлæ, рæстæг куыд згъордта, афтæ хæдзар заууатмæ цыд. Йӕ базилынмӕ рагæй æнхъæлмæ кастысты æппæт цæрджытæ дæр, ӕмӕ сын бантыст.

Цалцæджы фæстæ дзы фæзынд костюмерон уаттæ æмæ кусæн кабинеттæ. Концертон залы сценæ зынгæ фæуæрæхдæр кодтой. Афтæмæй къордты авналæнтæ уыдзысты фылдæр. Ирон æмæ нырыккон кæфтытæ, театралон, вокалон къордтæ. Сабитимæ кусынц суанг рæвдауæндонæй райдайгæйæ. Мызуры культурæйы хæдзары архайынц Бурон æмæ Уыналы сывæллæттæ дæр. Арæх-иу сфæлдыстадон къордтæ сæхи æнтыстджынæй равдисынц районы æмæ республикон конкурсты. Раздæр сценикон уæлæдарæсæй цух кæд æййафтой, уæддӕр ныр республикæйы сæргълæууæджы æххуысæй хъуыддаг раивта.

Культурæйы хæдзары ис чиныгдон дæр. Ифтонггонд у нырыккон технологитæм гæсгæ. Хæстæгдæр рæстæг йæ чингуыты нымæц хъуамæ фæфылдæр уа.

Хуасдзауты Алинæ
_________________________
Мы рядом в:
vk.com/irystontv
instagram.com/irystontv
youtube.com/irystontv
twitter.com/irystontv
ok.ru/irystontv

Видео Алагиры районы бындурон цалцæджы фæстæ байгом кодтой культурæйы 2 хæдзары канала iRYSTON TV
Показать
Комментарии отсутствуют
Введите заголовок:

Введите адрес ссылки:

Введите адрес видео с YouTube:

Зарегистрируйтесь или войдите с
Информация о видео
1 января 2021 г. 4:58:04
00:04:13
Яндекс.Метрика