Загрузка страницы

Америкæгтæ Ирыстоны

Америкæйы цæрджытæ Валерия æмæ Моникæ Ханкенди ссыдысты Цæгат Ирыстонмæ. Агурынц сæ дард хæстæджыты. Бирæ азты размæ сæ дадайæ базыдтой, Дудараты мыггагимæ хион кæй æййафынц, уый. Бафæндыд сæ сæ фыдæлты уÆзÆгмæ ссæуын, хиуæттæ æмæ хæстæджытимæ базонгæ уæвын. Атлантикон фурд сæ нæ баурæдта æмæ кæдæй-уæдæй Ирыстонмæ схæццæ сты. Цымыдисаг уазджытимæ фембæлд не `сфæлдыстадон къорд дæр.

Уырыссагау Моникæ Ханкенди нырма уал цалдæр ныхасы йеддæмæ нæ зоны. Фæнды йæ æмæ архайы æвзаг сахуыр кæныныл. Æрыгон чызг йæ мад Валерияимæ ссыдысты Нью-Йоркæй .Йæ ныййарæг ирон у. Нæ рох кæны йæ фыды уæзæг æмæ йæ бафæндыд йæ райгуырæн бæстæ йæ хъæбулæн равдисын. Дард Америкæйы минæвæрттæ Дудараты мыггаджы хиуæттæ сты . Нæ бæстæйы та уазæг уæлдай кадджын у. Буц сæ суазæг кодтой. Ирыстоны рæсугъд бынæттыл æрзилынмæ æмæ æппæт хиуæттимæ базонгæ кæнынæн сын бирæ рæстæг нæй. Фæсарæнты цæрджыты хъуыдыйы ис мыггаджы мæсыг бабæрæг кæнын æмæ хиуæттимæ бæркадджын ирон фынджы уæлхъус абадын. Ныридæгæн Моникæ æрцыдис хатдзæгмæ. Цæгат Ирыстон æмæ йæ цæрджытæ бынтон æндæр сты. Фæлæ йæ фидарæй уырны , ам зæххы къорийы иннæ кæрон йæ дыккаг хæдзар ссардта.

Моникæ Ханкенди: «Зæрдæ дарын фидæны та ардæм æрцæуыны фадат мын кæй фæзындзæн, ууыл. Ам нын цас хæлæрттæ æмæ хиуæттæ ис, иуылдæр сты тынг зæрдæхæлар.Чи нæ суазæг кæна, ахæмтæ дзы ис. Уый дæр мын тынг æхсызгон у. Америкæйы мæ бинонтæ хæрз чысыл сты , æрмæстæстдæр мæ мад,æз æмæ мæ хо. Ис ма нын нæ фыды хиуæттæ, фæлæ уыдон дæр махæй дард сты.УЫмæ гæсгæ ам цы стыр бинонтæ ссардтон, уыдоны фæрцы мæхимæ иунæг нал кæсын. Уымæй хуыздæр та ма цы ис».

Кæддæр, паддзахы рæстæг-ма куы уыд,уæд Дудараты мыггагæй бирæтæ сæ адджын къонатæй сыстадысты æмæ хуыздæр цардагур абалц кодтой дард рæттæм. Гъе уæдæ Валерия æмæ Моникæ дæр уыцы фæлтæры фæдонтæ сты. Моникæ йæ гыццылæй нырмæ йæ дадайæ хъуыста Уæрæсейы цæргæйæ, Дударатæ сæ бонтæ куыд æрвыстой, уый тыххæй. Леонидос Дударев,афтæ уыд йæ дадайы ном. Моникæйы царды зынгæ æмæ ахадгæ бынат ахста, уыдис ын фæзминаг хистæр.Ацы лæгæн йæ ном дæр æмæ йæ цард дæр хуымæтæг нæ уыдысты. Бирæ азты дæргъы Леонидос фæцард Польшæйы .Уым сарæзта театр.Уыд æфсæддон журналист дæр. Голливуды та куыста дунейыл хъуыстгонд актертимæ.Фæлæ сæйраг дæр уый нæу. Йæ цард цымыдисаг цаутæй дзаг уыд. Фæлæ уæддæр иу уысммæ дæр нæ рох кодта йæ фыдæлтæ кæй байзæддæгтæ сты, уый. Йæ кæстæры зæрдæйы дæр гуырын кодта Ирыстонмæ уарзондзинад.Æмæ йын кæй зæгъын æй хъæуы, бантыст.

Малхъарты Нателлæ: «Уый йæ дадайы тынг бирæ уарзта,фæзæгъы, ныр дæр йæ фарсмæ кæй ис, уый æнкъары. Уымæ гæсгæ абалц кодта Польшæмæ æмæ Леонидос кæм уыд уыцы горæттæм. Ныхас кодта актертимæ. Балцæй куы æрхæццæ ис, уæд та сæвæрдта моноспектакль».

Ирыстоны уазæг кадджын у, уæлдай кадджын та сты хион-уазджытæ,уымæ гæсгæ Валерийы æмæ Моникæйы æхсызгонæй суазæг кодта Дудараты мыггаг. Кæрæдзиуыл фаг фæцин кæнынæн сын бирæ рæстæг нæ. Фæлæ республикæйы рæсугъддзинæдтæ равдисын сæ къухы бафтыд.Мыггаджы минæвæртты æхсызгондзинад æмæ цинæн кæрон нæй,æмæ уый хуымæтæджы нæу. Дудараты мыггаджы фæдонтæ Ирыстоны нæ, фæлæ ма суанг Атлантикон фурды фалейæ дæр кæй сты, уый се ппæтæн æхсызгон у. Сæ чысыл райгуырæн бæстæ,йæ истори æмæ æгъдæуттæкæй нæ рох кæнынц, уый та уæлдайдæр.

Дудараты Зауырбег: «Цавæр æнкъæртæ сæвзæрд Моникæмæ йæ балцы фæдыл, уый йæ æргом кæнын æй нæ бафæндыд. Куыд зæгъы,афтæмæй,йæ фæнды йæ зæрдæйы монцтæ йæ уды арф бафснайын. Ацы цалдæр бонмæ бамбæрста, йæ царды бирæ цыдæртæ ивд æрцыдысты, уый. Нью-Йоркыл дæр æндæр адæймагæй сæмбæлдзæн. Уыимæ фидарæй зоны ам æм кæддæриддæр æнхъæлмæ кæй кæсдзысты, уый».
_
Мы рядом в:
vk.com/irystontv
instagram.com/irystontv
youtube.com/irystontv
twitter.com/irystontv

Видео Америкæгтæ Ирыстоны канала iRYSTON TV
Показать
Комментарии отсутствуют
Введите заголовок:

Введите адрес ссылки:

Введите адрес видео с YouTube:

Зарегистрируйтесь или войдите с
Информация о видео
4 июля 2018 г. 18:34:58
00:03:56
Яндекс.Метрика