Сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн æххуысы паддзахадон фонд «Фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæ»-йы РЦИ-
Магкæты Олег кæддæриддæр пъагæттæ дардта. Æфсæддон пенсиисæг сæрмагонд операцийы райдианы тыххæй куы базыдта, уæд бархийæ батальон «Шторм Осетия»-мæ бацыд. Запорожьейы 'рдыгæй минæзгъалæг къорды къамандыгæнæгæй 7 метры дарддæр нæмыг фехæлд. Уæззау контузии — æмæ буар схъистæй байдзаг. Дарддæр — госпиталь, реабилитации, æфсæддон къамис æмæ йæ хатдзæг, карз тæрхонау — службæ кæнæн нæй! Фæлæ нæлгоймаг йæхи тохмæ 'ппæрста. Раззагдæр бынæтты фæсивæды фарсмæ балæууын йæ бон нæу, уый æмбаргæйæ, фæсфронт архайын райдыдта. Ныртæккæ хæстонтæн сæ сæфт документтæ сног кæны. Йæ райгуырæн Алагиры районы у «Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты» фонды филиалы социалон координатор.
Цæгат Ирыстоны «Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты» фонды филиал байгом дыууæ азы размæ. Социалон координатортæ сæрмагонд æфсæддон операцийы ветерантæ æмæ сæ бинонты фарсмæ сты кæддæридæр. Кæркуысты Ираклий дæр бархион у. Хабаровскы облæсты батальон «Алания»-йы хыгъды балæууылд суанг 2022-æм азы 1-æм мартъийы. Цалдæр мæйы фæстæ сæ УАЗик танчыты ныхмæ минæйыл бацыд. Нæлгоймаджы къух тынг фæцæф. Æппæт гæххæттытæ бацæттæ кæнынмæ йæм фонды фæкастысты.
Падзахадон фонд саразыны хъуыды разынд Владимир Путинмæ. Федералон æмбырдмæ ныстуаны Уæрæсейы Президент фæбæрæг кодта социалон, медицинон, психологон æххуысы бынæттæ баиу кæнын кæй хъæуы. Ныр уыцы иу ран ис санаторон-курортон дзæбæх кæныны æмæ реабилитацийы, ахуырады, спорты, куыст агурыны, амалхъомады, квалификации уæлдæр кæныны, ног дæсныйад исыны фарстатæ райхалæн. Тагъд æмæ æнæ гæххæттыты радав-бадавæй.
Дыууæ азмæ «Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты» фонды филиалы бакуыстой 7 мин курдиатæй фылдæрыл. Социалон координатортæ иу хъуыддаг дæр æнæ 'ркастæй нæ ауагътой. Арæхдæр фæфæрсынц æххуысы мадзæлттæ, æфсæддон цауты ветераны æвдисæндар æмæ сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн фиддонты тыххæй.
Алы хъуыддагмæ дæр сæрмагонд цæстдард. Алы адæймагмæ дæр узæлгæ, лæмбынæг цæстæнгасæй ракæсынц "Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты" фонды.
Видео Сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн æххуысы паддзахадон фонд «Фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæ»-йы РЦИ- автора IRYSTONTV
Видео Сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн æххуысы паддзахадон фонд «Фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæ»-йы РЦИ- автора IRYSTONTV
Информация
3 июня 2025 г. 16:48:46
00:04:15
Похожие видео