Загрузка...

Найæн сезон нырма нæмæ райдыдта, афтæмæй доны станцæйы æрвылбон вæййы бирæ адæм

Найæн сезон нырма нæмæ райдыдта, афтæмæй доны станцæйы æрвылбон вæййы бирæ адæм. Тезгъо кæнынц пенсиисджытæ, сывæллæттæ, згъорынц спортсментæ. Зæронд доны станцæйы тезгъо кæнын уарзы Лидия Покусаева дæр. Куыд зæгъы, афтæмæй ацы бынаты улæфы йæ миддуне. Базилинаг у доны станцæмæ хæстæг цы парк ис, уый дæр. Ам, гæнæн ис, æмæ фæзыной ног брусчаткæ, рухсгæнæнтæ, бандæттæ, нысатдзысты дзы кæрдæг дæр. Уый тыххæй æхсæнадон территори цæрджытæ хъуамæ равзарой сæхæдæг Æппæтуæрæсеон хъæлæскæнынады. Куйбышевы номыл, 1-æм поликлиникæйы цур цы æхсæнадон бынат ис, уый у районы иунæг. Дзгойты Висенгирей цæры сквермæ хæстæг. Йæ ныхæстæм гæсгæ, сывæллæттæ кæм хъазой, уый дæр нæй. Цæрджыты фæнды, цæмæй фæзуатмæ базилой. Æппæтуæрæсеон хъæлæскæнынады архайдтой фарон дæр. Æхсæнадон территоритæ æвзарæн ис абонæй фæстæмæ. Уый тыххæй хъæуы бацæуын gorodsreda.ru сайтмæ, æмæ "Паддзахадон лæггæдты" порталмæ. Егъау хъæлæскæнынад цæуы "Цардæн инфраструктурæ" ног национ проектмæ гæсгæ. Хъæлæс радтын æмæ горæты æддаг бакастмæ æвæрæн бахæссыны фадат ис 14 азæй фылдæр кæуыл цæуы, уыцы цæрджытæн. } 77 æхсæнадон бынатæй равзардзысты 33. Саив сæ кæндзысты 2026-æм азы. Æппæтуæрæсеон хъæлæскæнынад ахæсдзæн 12 июнмæ.

Видео Найæн сезон нырма нæмæ райдыдта, афтæмæй доны станцæйы æрвылбон вæййы бирæ адæм автора IRYSTONTV
Страницу в закладки Мои закладки
Все заметки Новая заметка Страницу в заметки