Хорз хъуыддаг
Дзæуджыхъæуы æхсæнадон кусджытæ Алагиры социалон æххуысы центры бæрны цы сывæллæттæ ис, уыдонæн сарæзтой хæрзаудæн акци. 50 сабийæ фылдæры ахуыдтой циркмæ. Сæ зæрдæмæ тынг фæцыд. Уæлдайдæр та сырдтæ: теуатæ, урс тигртæ æмæ стыр кæлмытæ. Æрбацæуджытæн сæ арæхстдзинад равдыстытой акробаттæ дæр. Сабиты ирхæфстой быдзеутæ. Сывæллæттæн уæлдай æхсызгон æмæ цымыдисаг уыд артисттимæ иумæ цирчы номырты архайын. Ахæм лæвар сывæллæттæн скодтой æхсæнадон архайæг Реуазты Сослан æмæ фæсивæдон парламенты депутат Ханаты Таймураз. Йе ххуыс нæ бавгъау кодта Паддзахадон Думæйы депутат Таймазты Артур æмæ Паддзахадон автоинспекцийы хицау Хуадонты Айвар. Ахæм акци фыццаг хатт нæ сарæзтой. Йæ сæйраг нысан у - царды æххуысхъуаг сывæллæттæм цæст дарын æмæ сын æхсызгон æнкъарæнтæ лæвар кæнын.
_
Мы рядом в:
vk.com/irystontv
instagram.com/irystontv
youtube.com/irystontv
twitter.com/irystontv
Видео Хорз хъуыддаг автора Fantastic Festival Finds
Видео Хорз хъуыддаг автора Fantastic Festival Finds
Информация
30 апреля 2025 г. 13:21:12
00:01:09
Похожие видео



















