Бæрхионтæ гуманитарон æххуыс кæнынц Цæгат Ирыстоны фæкæсинæг æмæ бирæсывæллонджын бинонтæн
Цъыккаты Раисæйы хæдзары ацы уат иунæг у. Ахæм зын уавæрты сылгоймаг цæры йæ æртæ æнахъом сывæллонимæ. Йæ хæдзары хъармгæнæн системæ нæй, уымæ гæсгæ уазæлтты рæстæг бинонтæ къуылымпыдзинæдтæ æййафынц. Уат хъарм кæнынц сугæй.
Хæрд æмæ уæлæдарæс самал кæнынæн сæм арæх фæрæзтæ нæ ваййы. Сылгоймагæн йæ бон куыстмæ рацæуын дæр нæу. Сывæллæтты кæимæ ныууадза, уый йын нæй. Уæвгæ йын хæрзгæнджытæ дæр разыны, йæ фарсмæ æрбалæууынц хæрзаудæн фонд «Быть добру» -йы минæвæрттæ. Бархионтæ сын æрвылмæй акци «Мы вместе» -йы фæлгæты гуманитарон æххуыс бакæнынц.
Ахæм хуызы æххуыс бакæнынц Гобозты Валентинæйæн дæр. Æртæ мæйы размæ фондз сывæллонимæ идæдзæй баззад. Йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй хæстæгдæр рæстæг фæнд кæны куыстмæ рацæуын æмæ хæдзар бацалцæг кæнын.
Зæгъын хъæуы уый, æмæ фонд «Быть добру» æххуыс кæны республикæйы фæкæсинаг æмæ бирæсывæллонджын бинонтæн. Баласынц сын уæлæдарæс, хойраг æмæ æндæр хъæугæ мигæнæнтæ. Бархионты нымæц афæдзæй-афæдзмæ рæзы. Уыдон кæддæриддæр æххуысы къух бадарынц фæкæсын кæмæ хъæуы, ахæмтæм.
_________________________
Мы рядом в:
vk.com/irystontv
instagram.com/irystontv
youtube.com/irystontv
twitter.com/irystontv
ok.ru/irystontv
Видео Бæрхионтæ гуманитарон æххуыс кæнынц Цæгат Ирыстоны фæкæсинæг æмæ бирæсывæллонджын бинонтæн автора Туристский квест
Видео Бæрхионтæ гуманитарон æххуыс кæнынц Цæгат Ирыстоны фæкæсинæг æмæ бирæсывæллонджын бинонтæн автора Туристский квест
Информация
24 апреля 2025 г. 1:23:18
00:02:23
Похожие видео



















