Загрузка...

Райдыдтой

Цъыккаты Владимиры уголовон хъуыддагмæ абон радон хатт æркастысты тæрхондоны. Куыд ма хъусын кодтам, афтæмæй сæ сарæзтой гом хуызы. Журналисттæ æмбырды афæстиат сты 10 минуты. Уыцы æмгъуыдмæ æмбырды цыдысты фæткон процедурæтæ. Тæрхонгæнæг азымджынтæн бамбарын кодта сæ бартæ. Прокуратурæ 10 азымджынæн бакаст сæ аххос иртасыны хатдзæгтæ. Фæнысан ма кæндзыстæм уый, уыдон æмæ сæ аххосыл нæ басастысты. Иннæ къуыри тæрхондоны райдайдзыстыазымы дарæг слетсгæнæн иртасæнтæм кæсын. Уыимæ ма райдайдзысты фæрсын Цъыккаты Владимиры хиуæтты, сыхæгты æмæ зонгæты. Фæнысан ма кæндзыстæм уый, æмæ раздæр азымджынты адвокаттæ тæрхондонмæ курдиат балæвæрдтой, цæмæй хъуыддагмæ кæсой æхгæд хуызы. Сæ ныхæстæм гæсгæ, социалон хызæгты адæм ацы хъуыддаг дзырддаг скодтой. Æмæ, дам, уый тæрхондоны æмбырдтыл хæрзмæ нæ ахады. Фæлæ тæрхонгæнæг уыцы курдиатимæ не сразы. Хъуыддаг куыд цæудзæн, уымæ мах дæр нæ цæст дардзыстæм. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Видео Райдыдтой автора IRYSTONTV
Яндекс.Метрика
Все заметки Новая заметка Страницу в заметки
Страницу в закладки Мои закладки
На информационно-развлекательном портале SALDA.WS применяются cookie-файлы. Нажимая кнопку Принять, вы подтверждаете свое согласие на их использование.
О CookiesНапомнить позжеПринять