Регоператор "ЭРА" бæрæгбæтты рæстæг афойнадыл æххæст кодта хауæтдзæгтæ ласыны архайд
Регионалон оператор "ЭРА" бæрæгбæтты рæстæг афойнадыл æххæст кодта хауæтдзæгтæ ласыны архайд. Рахызтызты тыхджындæргонд куысты фæткмæ. 28-æм декабрæй 8 январмæ раластой 5 мин 800 тоннæйы бырон.
Специалистты ныхæстæм гæсгæ, Ног азы бæрæгбæтты хауæтдзæгты бæрц 3 хатты фылдæр вæййы иннæ бонтимæ абаргæйæ. Уыимæ ма фæлладуадзæн бонты рæстæг бæстон цæстдард уыд хъæбæр коммуналон хауæтдзæгтимæ архайдмæ. Бакуыстой колл центрмæ цæй фæдыл бадзырдтой ахæм 30 курдиатыл.
14 январæй та компани "ЭРА" цы зазбæлæстæ аппарой адæм, уыдон раласдзæн. Куыстуаты специалисттæ курынц адæмы, цæмæй Ног азы бæлæстæ хъæбæр коммуналон хауæтдзæгты контейнерты ма æвæрой. Уыимæ бæлæстæ нæ æппарæн кæртыты, сывæллæтты хъазæн фæзты, фæндæгты былгæрæтты æмæ афтæ дарддæр. Зазбæлæстæ æвæрæн ис контейнерты цур. Æппæт бæлæстыл дæр ныххæйттæ кæндзысты æмæ сыл биологон æгъдауæй бакусдзысты.
Видео Регоператор "ЭРА" бæрæгбæтты рæстæг афойнадыл æххæст кодта хауæтдзæгтæ ласыны архайд автора IRYSTONTV
Видео Регоператор "ЭРА" бæрæгбæтты рæстæг афойнадыл æххæст кодта хауæтдзæгтæ ласыны архайд автора IRYSTONTV
Информация
10 января 2025 г. 13:25:58
00:01:07
Похожие видео