Загрузка страницы

Цæгат Ирыстоны хъæппæрисджын фæсивæд банывыл кодтой кувæндонтæ

Нæ фыдæлты раз хъуамæ къæмдзæстыг ма уæм. Ахæм хъуыдыйыл хæст у Бзыккаты Тимур. Йæ фарсмæ чи æрбалæууыд ахæм æвзонг гуырдтæ дæр разынд. Уыдон сфæнд кодтой нæ фыдæлтæ рагæй æрæгмæ Дзуæрттæм цы кувæндонты куывдтой, уыдонмæ базилын. Ирыстоны ахæм ком нæй æмæ куывддон бынæттæ кæм нæй. Хорз уаид æмæ алы ран дæр ацы фæсивæды хуызæн адæм куы разынит æмæ сæ куы бафæзмиккой. Цы хуызы уый уын нæ дарддæры æрмæджы радзурдзæн не*мкусæг Къутæрты Аидæ.

Бзыккаты Таймураз йæ райгуырæн бынат бирæ уарзы. Чысыл саби ма куы уыд, уæд-иу арæх ахаста йæ цæст Цымытийы рæсугъд æрдзыл. Сæ мыггаджы мæсыгмæ - иу куы ссыд, уæд дзы-иу бирæ рæстæг фæбадт. Афæмæй, йæ зæрдæйы фæзынд цымыдисаг бæллиц. Бафæндыдис æй нæ фыдæлты кувæндæттæм æмæ цыртытæм базилын. Афтæмæй ныронг йе 'мбæлттимæ зæрдæргъæвдæй архайы, цæмæй ирон адæмы куывддон бынæттæ сыгъдæг æмæ æмбæлгæ уавæры уой.

Ацы зæрдæргъæвд лæппуты къорд фæзындис Таймуразы хъæппæрисæй. Йæ фыццаг къахдзæфтæ райдыдта кæнын йе 'мбал Уæзæгты Муратимæ. Цыбыр рæстæгмæ сын бирæ бантыст. Сцалцæг кодтой аст куывддон бынаты. Ныртæккæ лæппутæ цалцæг кæнынц Уациллайы кувæндон. Цымыдисаг хъуыддаг уый у, æмæ ацы бынат хуымæтæгæй нæ равзæрстой. Лæппутæ бæлццæты æнаггаг миты тыххæй рахастой уынаффæ, цæмæй ацы бынат кувæндон кæй у, уый алчидæр зона, æмæ дзы æнæгъдау митæ мауал уа.

Ныронг ацы лæппуты руаджы цалцæггонд æрцыдысты Майрæмы кувæндæттæ, Дагомы Лæгты дзуары кувæндон, Фыры дзуар æмæ афтæ дарддæр. Бзыккаты Таймураз куыд бафиппайдта, афтæмæй хъуамæ адæм сæ бынæттон кувæндæттæм сæхæдæг зилой. Афтæ хъуыды кæны Дадтеты Алан дæр. Уый нырма абон фыццаг хатт фæллой кæны ацы лæппутимæ. Бафæндыдис æй бахъахъхъæнын нæ фыдæлты куывддон бынæттæ.

Тагъд ацы бынат æмбæлгæ уавæры уыдзæн. Лæппутæ нын куыд радзырдтой, афтæмæй кувæндоны бынаты сисгонд амад дæр æрцæудзæн. Цæвиттон, Алагиры районы цæрджытæ сцымыдис уыдзысты, кувæндоны историйы нысаниуæгыл, стæй дзы цы ног ивдзинæдтæ фæзындзæн, уый тыххæй дæр.

Къутæрты Аидæ
_
Мы рядом в:
vk.com/irystontv
instagram.com/irystontv
youtube.com/irystontv
twitter.com/irystontv
ok.ru/irystontv

Видео Цæгат Ирыстоны хъæппæрисджын фæсивæд банывыл кодтой кувæндонтæ канала iRYSTON TV
Показать
Комментарии отсутствуют
Введите заголовок:

Введите адрес ссылки:

Введите адрес видео с YouTube:

Зарегистрируйтесь или войдите с
Информация о видео
6 сентября 2019 г. 23:54:36
00:03:20
Яндекс.Метрика