Загрузка страницы

ЗАРАДЖЫ БАЗЗАД Танхълаты Жорка

Хъысмӕт... Адӕймаг цӕмӕ нӕ сарӕхса ӕмӕ цы нӕ базона ацы зӕххыл, ӕвӕццӕгӕн, ахӕмӕй ницы ис. Гъе ӕрмӕст адӕймаг нӕ зоны, цы уыдзӕн йӕ сомбон, цы йын ӕрцӕттӕ кодта йӕ хъысмӕт, цавӕр зындзинӕдты сӕрты йӕ бахъӕудзӕн ахизын.
Джызӕлы кадджындӕртӕй иу Танхълаты Жоркӕйы хӕстон хабӕрттӕ чи зоны, уыдон абон дӕр дис кӕнынц, йӕ хъысмӕт куыд рауад, ууыл. Абон кӕд Жоркӕ не хсӕн нал ис, уӕддӕр зарӕджы баззад йӕ ном.
Танхълаты Темырболаты фырт Жоркӕ райгуырд 1910 азы Джызӕлы. Хъӕуы астӕуккаг скъолайы фӕстӕ Жоркӕ ахуыр кӕнынмӕ бацыд Алагиры хъӕууонхӕдзарадон техникуммӕ. ӕнтыстджынӕй йӕ каст фӕци, фӕлӕ йе стыр бӕллиц уӕддӕр уыд тӕхӕг суӕвын
ӕмӕ хъӕуккаг лӕппу ӕдзух цы хорздзинадмӕ бӕллыд, уый 1936 азы йӕ къухы бафтыд. Каст фӕци Севастополы хӕстон-авиацион училищӕ ӕмӕ сси тӕхӕг.
1939 аз. Æвзонг тӕхӕджы арвыстой горӕт Ржевы уӕззау бомбӕтӕ ӕппарӕг тӕхджыты полкмӕ. Уый фӕстӕ та – горӕт Кӕлининмӕ. Хорз цыдис йӕ службӕ. Цыбыр рӕстӕгмӕ йӕ къухы бафтыд уӕлдӕфы 1600 (иу мин ӕмӕ ӕхсӕзсӕдӕ) сахаты бӕрц фӕтӕхын, ӕмӕ кӕд дыууӕ азы йеддӕмӕ нӕма службӕ кодта, уӕддӕр ын полчы ӕрыгон тӕхджытӕ ахуыр кодтой йӕ фӕлтӕрддзинадыл.
Йӕ арӕхстдзинад, йӕ хорз службӕйы тыххӕй йын полчы командир зӕрдӕ бавӕрдта отпуск раттынӕй. Цин кодта Жоркӕ, йӕ бирӕ хотӕ, йӕ мад ӕмӕ йӕ фыдмӕ фыста: «Ма тыхсут, мӕ бинонтӕ, тагъд кӕрӕдзийы фендзыстӕм».
Фӕлӕ йӕ фыстӕг Ирыстонмӕ нӕма схӕццӕ, афтӕ райдыдта Финляндиимӕ хӕст. Знагимӕ уӕлдӕфон тохты ноджы тынгдӕр рабӕрӕг сты ирон лӕппуйы ныфс, хӕрзарӕхст ӕмӕ йӕ лӕгдзинад. Иу бон та йӕ хӕстон хӕс сӕххӕст кодта ӕмӕ фӕстӕмӕ здӕхт йӕ аэродроммӕ. Фӕлӕ ӕваст цыдӕр кодта йӕ хӕдтӕхӕг ӕмӕ сау пиллон калгӕ сау хъӕдмӕ ӕрхаудта. Йӕ уд бӕргӕ аирвӕзт, фӕлӕ бахауд уацары финаг хӕстонтӕм. Фӕстӕдӕр райдыдта Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕст. Стырдӕр зынтӕ ӕмӕ тухитӕ та уӕд бавзӕрста Жоркӕ. Кӕм – уазал, кӕм стонгӕй ӕрвыста йӕ бонтӕ.
Жоркӕйӕн ма уыд ӕртӕ ӕфсымӕры, Кахарман, Петр ӕмӕ Алихан. Фыдыбӕсты Стыр хӕст куы райдыдта, уӕд ӕфсымӕртӕ дӕр фыццӕгтимӕ ацыдысты Райгуырӕн бӕстӕйы сӕрвӕлтау тохмӕ. Кахарман ӕмӕ Петр нал сыздӕхтысты фӕстӕмӕ, сӕ кӕстӕр хъӕбатыр Алихан та Финляндийы, Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты ӕмӕ Апоны хӕсты архайӕг тынг ӕхсарджынӕй равдыста йӕхи тохы быдырты. Сси булкъон. Фӕстӕдӕр ын лӕвӕрд ӕрцӕудзӕн бирӕ хӕрзиуджытӕ.
Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕст фӕци, уӕддӕр Танхълаты Георги , Жоркӕйы хабар нӕма уыд. Зӕронд мад ӕмӕ фыд ын ӕгас ӕнхъӕл нал уыдысты, мардыл ӕй банымадтой. ӕхсӕз азы йыл сӕ судзгӕ цӕссыг фӕкалдтой, , стӕй йын уӕлмӕрдты афтид ингӕныл хъӕдын цырт ныссагътой.
Начало песни.
Фӕлӕ Жоркӕйы амонд разынд адзалӕй тыхджындӕр. Цӕфтимӕ ӕмӕ буары сыгъдтытимӕ уацары фӕци Финляндийы цыппар мӕйы. Фӕстӕдӕр ма , йемӕ нӕхи хӕстонтӕй уацары чи уыди, уыдонимӕ сӕ сырхӕфсӕддонтӕ баивтой финнаг уацайрӕгтыл. Тӕдзынӕгӕй – цыхцырӕгмӕ, куыд фӕзӕгъынц, афтӕ рауад йӕ хъуыддаг джызӕйлаг цардбӕллон лӕппуйӕн. Зылын тӕрхон кӕмӕн рахастой, уыцы адӕмимӕ цалдӕр азы арвыста Жоркӕ дӕр. ӕрмӕстдӕр 1946 азы куы сбӕлвырд сты хъуыддӕгтӕ, уӕд Жоркӕйӕн дӕр фесты йӕ хӕстон хъизӕмӕрттӕ.
Фӕллад хӕстон сӕрӕгасӕй сӕмбӕлд йӕ райгуырӕн хӕдзарыл, Джызӕлы стыр хъӕубӕстыл атахт цины хабар.
Жоркӕ йе мгӕрттӕй цалдӕримӕ ныццыдис уӕлмӕрдтӕм, джихӕй бирӕ фӕкастис афтид ингӕнмӕ, стӕй сласта зӕххӕй йӕ цырт. Схаста йӕ сӕхимӕ ӕмӕ йӕ стыр куывды бон ӕхсидгӕ цуайнаджы бын арты басыгъта. Уӕдӕй нырмӕ кӕд бирӕ азтӕ рацыд, уӕддӕр йӕ буц хистӕрӕн зарӕгӕй ӕгъдау скодта Жоркӕйӕн йе мхъӕуккаг, хӕдахуыр композитор Моргуаты Эльбрус. Ныхӕстӕ зарӕгӕн ныффыста Ирыстоны адӕмон поэт Чеджемты Æхсар.
Хъӕбатыр тӕхӕг Райгуырӕн Бӕстӕ
Цы уарзтӕй уарзта!
Карз тохы заман ирон лӕджы ном
Кадджынӕй хаста.

Видео ЗАРАДЖЫ БАЗЗАД Танхълаты Жорка канала Альбина Секинаева
Показать
Комментарии отсутствуют
Введите заголовок:

Введите адрес ссылки:

Введите адрес видео с YouTube:

Зарегистрируйтесь или войдите с
Информация о видео
9 мая 2024 г. 15:03:14
00:16:53
Другие видео канала
И. АЛЬБЕНИС . АСТУРИЯ. "Испанская сюита" исп. ЛИАНА САЛБИЕВАИ. АЛЬБЕНИС . АСТУРИЯ. "Испанская сюита" исп. ЛИАНА САЛБИЕВА«Ирыстон» Гӕздӕнты Булаты муз.  Гаджиты Фатимӕйы ных. Элита Секинаева, аккомп Алла Хадикова«Ирыстон» Гӕздӕнты Булаты муз. Гаджиты Фатимӕйы ных. Элита Секинаева, аккомп Алла ХадиковаАдæмы сфæлдыстад, адæмы хæзна . ЧерменАдæмы сфæлдыстад, адæмы хæзна . ЧерменХадыхъаты Аллӕ«Ӕркафут, ӕрсимут!» адӕмон музыкӕ,                            Есенаты Женяйы ныхӕстӕХадыхъаты Аллӕ«Ӕркафут, ӕрсимут!» адӕмон музыкӕ, Есенаты Женяйы ныхӕстӕСослан æмæ Эльвирæ.Сослан æмæ Эльвирæ.Задалески нанай зарЗадалески нанай зарХъуыбады .Фӕндырӕй цӕгъды Гӕздӕнты Булат (из личного архива Розы Гуриевой )Хъуыбады .Фӕндырӕй цӕгъды Гӕздӕнты Булат (из личного архива Розы Гуриевой )Квартет «DIZACARLEN»             кавер-версия " Happy New year "Квартет «DIZACARLEN» кавер-версия " Happy New year "ДИБАХАН .Олег Дзеранов и Марина КаргиноваДИБАХАН .Олег Дзеранов и Марина КаргиноваЭдуард Дауров  «Ӕз  цӕуын дард» Бериты Алибеджы музыкӕ, Гаджиты  Георгийы  ныхӕстӕЭдуард Дауров «Ӕз цӕуын дард» Бериты Алибеджы музыкӕ, Гаджиты Георгийы ныхӕстӕАдæмы сфæлдыстад - адæмы хæзна .БЕСАТЫ МÆХÆМÆТЫ ЗАРÆГ . Песня о Махамате БесаевеАдæмы сфæлдыстад - адæмы хæзна .БЕСАТЫ МÆХÆМÆТЫ ЗАРÆГ . Песня о Махамате Бесаеве"О уарзты цин" (Радость любви). слова Ахсара Чеджемова, музыка Альбины Секинаевой"О уарзты цин" (Радость любви). слова Ахсара Чеджемова, музыка Альбины СекинаевойАслан Шавтвалов из архива передачи (Аивады фæз)Аслан Шавтвалов из архива передачи (Аивады фæз)Адæмы сфæлдыстад адæмы хæзна. Бæхфæлдисæн . Цоппай.Адæмы сфæлдыстад адæмы хæзна. Бæхфæлдисæн . Цоппай.народный артист РСО-Алания Эдуард Дауров на нацканале Осетия - Иристоннародный артист РСО-Алания Эдуард Дауров на нацканале Осетия - ИристонАРХИВ  Фарныхъӕуккаг Таутиаты- Безаты КатяАРХИВ Фарныхъӕуккаг Таутиаты- Безаты КатяЗамира Гаппова (из архива передачи Аивады фæз).Замира Гаппова (из архива передачи Аивады фæз).ШакАр  «Поппури кавказских мелодий»ШакАр «Поппури кавказских мелодий»Немецкая рождественская песня "Leise rieselt der Schnee" на осетинском!!!!Немецкая рождественская песня "Leise rieselt der Schnee" на осетинском!!!!Герой нашей передачи - почетный  металлург, кавалер ордена Трудового Знамени КИМ АГАЕВГерой нашей передачи - почетный металлург, кавалер ордена Трудового Знамени КИМ АГАЕВ
Яндекс.Метрика