Загрузка страницы

Гуырдзыбеты Блашкайы хæдзар-музей сараздзысты Мæздæджы районы

Мæздæджы районы фæзындзæн, дыгуронау чи фыста, уыцы фыццаг поэт æмæ хæстон архайæг Гуырдзыбеты Блашкайы хæдзар-музей. Уый у, 19-æм æнусæй ма цы хæдзæрттæ баззад, уыдонæй иу. Лæууы Ново-Осетинская хъæуы бæстастæу. Поэт цы хæдзары райгуырд æмæ схъомыл, уый сцалцæг кæндзысты. Цæгат Ирыстоны сæргълæууæджы æххуысæй хæдзар балхæдта бынæттон администраци. Егъау реконструкци райдайынæн ныртæккæ цæттæ кæнынц сæрмагонд гæххæттытæ.

Уыцы иу рæстæг сис æмæ æхсаргардæй арæхстджынæй чи архайдта, уый. Кæд иу иннæимæ зынтæй бабæттæн ис, уæддæр Гуырдзыбеты Блашкайæн уый æнтыст. Адæмон фыссæг, дыгурон литературон æвзаджы бындурæвæрæг, хæсты архайæг, афицер. Ахæмæй бахъуыды кодтой зындгонд поэты. Йæ цардвæндаг кæд цыбыр рауад, уæддæр сфæлдыстады арф фæд ныууагъта.

Иунæджы фæлгонц абырæджы хуызы Блашкайы зæрдæмæ, стæй йе ’мдзæвгæтæм, æрбацыд фольклорæй. Адæмон поэзиимæ æнгом баст уыдис куыд йе `сфæлдыстады мидисæй, афтæ йæ формæйæ дæр. Йæ поэтикон артдзæстмæ зынджы хай æрбахаста дунеон æмæ уырыссаг классикæйæ. Райгуырди Мусхъæуы, ныр Ново-Осетинская кæй хонынц, уым. Хъазахъхъаг афицер Гуырдзыбеты Майрансау æмæ Тускъаты Гузайы хæдзары. Блашка йе `сфæлдыстады фыццаг къахдзæфтæ ацы ран райдыдта кæнын. Ам фембæлд æмæ суазæг кодта Хетæгкаты Къостайы дæр.

Сечъынаты Сослан, Цæгат Ирыстоны гуманитарон æмæ социалон иртæстыты институты кæстæр наукон кусæг:
«Къоста æмæ Блашка кæй æмбæлдысты ацы хæдзары, уымæн ныр дæр ма ис æвдисæндартæ. Сæ литературон аивад сын чи иртасы, уыдон æй хорз зонынц. Мусхъæуы цæрджытæй иу та бахъуыды кодта, кæддæр уынджы цæугæйæ, ацы кæрты Гуырдзыбеты Блашкайы кæй федта. Бæлæста, дам, сагъта æмæ афтæмæй».

Зындгонд фыссæг Гуырдзыбеты Блашкайы хæдзар арæзт æрцыд 19-æм æнусы. Раздæр ахæм цæрæн бынæттæ арæзтой хъазахъхъæгтæ. Уæды рæстæг хæдзæртты конд хицæн кодта æмæ йæ ам фенæн ис.

Стыр аргъ кæмæн ис æмæ фесафæн кæй нæй, ахæм историон нысаниуæгыл нымад у ацы цæрæнбынат. Специалисттæ иу хъуыдыйыл хæст сты ныртæккæ - ахсджиаг у ацы бынат бахъахъхъæнын. Уыимæ ма йæ музейы хуызæн дæр рацаразын.

Хæдзар банывыл кæныны хъуыддагæн бахъæудзæн бирæ амæлттæ æмæ фæрæзтæ. Цæрæнбынатмæ бирæ азты дæргъы ничи зылд. Ныртæккæ заууат уавæры ис. Къултæ - ныккæлынæввонг, цар дæр кæд æрхаудзæн, уый бæрæг нæу. Иунæг бакастæй дæр зæгъæн ис - куыстытæ бирæ.

Хæдзар базилинаг кæй у, ууыл æхсæнадон архайджытæ рагæй дзырдтой. Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Битарты Вячеслав бахæс кодта, проектон-хыгъдон гæххæттытæ æмæ æмбæлгæ фæрæзтæ самал кæнын. Афтæмæй хъуыддаг размæ фенкъуыст. Гуырдзыбеты бинонты фæстæ ацы хæдзары хицæуттæ чи систы, уыдонæй йæ балхæдтой. Музей саразыны тыххæй проектыл кусы Цæгат Ирыстоны райрæзты агентады сæрмагонд программæты хайады разамонæг Атайты Мæдинæ. Проектмæ гæсгæ, канд хæдзар нæ бацалцæг кæндзысты, фæлæ ма йын йæ алфамблай дæр банывыл кæндзысты.

Ататы Мадинæ, РЦИ-Аланийы райрæзты агентады сæрмагонд программæты хайады разамонæг:
«Музей саразын - уый иу хъуыддаг у, цæмæй хабархæссæг уа, Гуырдзыбеты Блашкайы тыххæй дзура, йæ истори йын дæрддыл хъусын кæна, уый тыххæй хъæуы æнæхъæн музейон комплекс рацаразын. Хъуамæ дзы æрбацæуджытæн уа æппæт æмбæлгæ уавæртæ. Уый хынцгæйæ та хицæн административон бæстыхай дæр».

Музейы саразынвæнд кæнынц камерон зал, уыдзæн дзы 50 бынаты. Кæрты та хъуамæ фæзына сæрдыгон сценикон фæз. Ахæм бынат Мæздæджы районы цæрджытæн уæлдай ахъаззагдæр уыдзæн. Раздæрау Ново-Осетинская хъæуы бирæ егъау дзыллон мадзæлттæ арæзтой. Стыр æвæрæн сæм хаста Гуырдзыбеты Блашка йæхæдæг.

Ататы Мадинæ, РЦИ-Аланийы райрæзты агентады сæрмагонд программæты хайады разамонæг:
«Станицæйы æрвылаз аразынц, бæрæг кæнынц Гуырдзыбеты Блашкайы мысæн бон. Зындгонд фыссæг йæхæдæг дæр хорз æгъдæуттæ сфидар кодта. Зæгъæм, ахуыргæнæндæтты рауагъдонты куывд. Куыд фæзминаг хистæр, афтæ сагъæс кодта сæ фидæныл, æвæрдта сын нысæнттæ, цæмæй сæ сомбоныл хъуыды кæной. Уымæй уæлдай ма бынæттон цæрджытæ бæрæг кæнынц Мусхъæу бахъахъхъæныны сæраппонд хæсты быдыры чи фесæфт, уыдоны мысæн бон. 100 адæймагæй фылдæр уыдысты».

Зындгонд поэты хæдзар музей уыдзæн Цæгат Ирыстоны национ музейы бæрны. Баиу кæндзæн иумæ æнæхъæн комплекс.

Цогойты Батраз - РЦИ-Аланийы национ музейы директор:
«Музейон комплексы уыдзæн Гуырдзыбеты Блашкайы хæдзар, уыимæ ма Мæздæджы Сыгъдæг диссæгтæаразæг Никъалайы аргъуан æмæ мемориалон уæлмæрдтæ. Бирæ хæстон хъæбатыртæ дзы ныгæд ис. Куы нæ сæ мысæм, куы нæ сын аргъ кæнæм, уæд нæ нысан цы у?»

Гуырдзыбеты Блашкайы музейы проектон-хыгъдон гæххæттытæ цæттæ кæны реставрацион-арæзтадон компани «Скифос-РСК». Нывылгæнæн куыстытæ хъуамæ райдайой ацы аз, майы мæйы.

Гогаты Марат
_________________________
Мы рядом в:
vk.com/irystontv
instagram.com/irystontv
youtube.com/irystontv
twitter.com/irystontv
ok.ru/irystontv

Видео Гуырдзыбеты Блашкайы хæдзар-музей сараздзысты Мæздæджы районы канала iRYSTON TV
Показать
Комментарии отсутствуют
Введите заголовок:

Введите адрес ссылки:

Введите адрес видео с YouTube:

Зарегистрируйтесь или войдите с
Информация о видео
7 января 2021 г. 18:37:41
00:05:24
Яндекс.Метрика