Загрузка страницы

Заманхъулы дондзæуæн хæтæлты модернизацийы фыццаг къæпхæн кæронмæ фæхæццæ кæны

Бирæ азты дæргъы Заманхъулы цæрджытӕ тыхстысты, дон сæм фаг кæй нæ калд, уымæй. Ныр уавæр аивдзæн. Ныридæгæн цӕуынц дондзæуæн хæтæлты системæйы модернизацийы фыццаг къæпхæны куыстытæ. Райдыдтой сæ республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйлойы хъæппæрисæй. Зымæгон уазæлтты размæ хъуамæ фæуой.

Рахизфарсы районы цæрджытæ донæй хъуаг кæй ййафынц, уый администрацийы рагæй зонынц. 2008 азы Заманхъулы доны хæтæлтæ цалцæг кодтой. Фæлæ уæддæр уавæр нæ фæхуыздæр. Уæлдæр цы хæдзæрттæ сты, уыдонмæ дон æппындæр нæй. Ныр дзы цæуы цалцæггæнæн куыстыты фыццаг къæпхæн, фæлæ ныридæгæн цæрджытæ ивддзинæдтæ уынын райдыдтой.

Уымæй размæ цæрджытæ сæ хъаст бахастой нæ республикæйы цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарад, артаг æмæ энергетикæйы министрадмæ. Уыдон фехъусын кодтой Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Сергей Меняйлойæн цæрджытæм дон æххæстæй кæй нæ цæуы, уый. Регионы разамонæг бахæс кодта фарста аиуварс кæнын æмæ бюджетæй уымæн рахай кодта фæрæзтæ дæр. Ацы къуыри Заманхъулы дондзæуæн хæтæлты системæйы модернизацийы фыццаг къæпхæны куыстытæ ахицæн уыдзысты. Раивтой хæтæлтæ æмæ дондзæуæн бæстытæ.

Хæтæлты æлхъывдад фæфылдæр кæдзысты 14-15 атмосферы онг. Уый фæахъаз уыдзæн цъассæй дон суанг дæрддзæф хæдзæрттæм дæр æнæкъуылымпыйæ хæццæ кæнынæн. Кусджытæ архайынц тагъд, æмæ уазæлтты размæ фæуыдзысты.

Донæй ифтонггæнæн цъасы донæфсæрæн мæсыг «Фæныкдон»-ы хæтæлтæ кæй ивынц, уымæ гæсгæ нуазынæн бæзгæ хæрзхъæд донæй хайджын уыдзысты Горæтгæрон районы хъæутæ дæр. Афтæмæй, фарста иувасгонд æрцæудзæн æмæ фагæй кæлдзæн алы хæдзары дæр.
_________________________
Мы рядом в:
vk.com/irystontv
instagram.com/irystontv
youtube.com/irystontv
twitter.com/irystontv
ok.ru/irystontv

Видео Заманхъулы дондзæуæн хæтæлты модернизацийы фыццаг къæпхæн кæронмæ фæхæццæ кæны канала iRYSTON TV
Показать
Комментарии отсутствуют
Введите заголовок:

Введите адрес ссылки:

Введите адрес видео с YouTube:

Зарегистрируйтесь или войдите с
Информация о видео
24 сентября 2021 г. 16:50:47
00:03:37
Яндекс.Метрика