Загрузка страницы

Цæгат Ирыстоны кусын райдыдта цæрæнуæтты коммуналон хæдзарады фарстаты фæдыл ситуацион центр

Цæгат Ирыстоны цæрджыты коммуналон фарстатæм ныр фылдæр æргом здæхт цæудзæн. Республикæйы байгом ситуацион центр. Курдиæттæ æвæстиатæй æрвитынц федералон центрмæ. Фарстатæ иуварс кæндзысты цыбыр рæстæгмæ, лæггæдты хæрзхъæддзинад та хъуамæ фæуæлдæр уа. Куыд цæуы центры куыст æмæ ма цавæр ногдзинæдтæ æнхъæлмæ кæсы республикæйы цæрджытæм, уый нæ уацхæссæг Хуасдзауты Алинæйæн радзырдта информацион технологитæ æмæ бастдзинады разамынды хицау Сæлбиты Алан.

Ситуацион центр кусы æхсæвæй-бонæй. Оператортæ исынц курдиæттæ электрон хуызы. Æппæт информаци дæр бахӕссынц сæрмагонд программæмӕ. Зæгъæм, кæм æмæ кæд æрцыд бæллæх.

Центры руаджы фадат уыдзæн цæрæнуæтты коммуналон хæдзарады фарстатæ æнтыстджынæй æмæ æвæстиатæй иуварс кæнын. Арæх коммуналон куыстуæттæ хæрзхъæд лæггæдтæ нæ кæнынц адæмæн. Хатгай та бирæ рæстæг æнхъæлмæ кæсын бахъæуы, цæмæй фарста лыггонд æрцæуа.

Республикæйы фæзындзæн æвæстиатон бастдзинады иумæйаг номыр. Пандемийӕйы рæстæг æххуысы сæрмагонд номыртæ баисты 50-йæ фылдæр. Сæ фарстатимæ адæм дзурынц алыхуызон номыртæм. Фӕлӕ сын уӕддӕр æвæстиатæй дзуапп арæх нæ раттынц. Ног номыр 122 баиу кæндзæн æппæт ведомствæты куыст дæр. Бадзурæн æм уыдзæн алы хуызы телефонæй дæр. Куысты фæтк фæнд кæнынц афтæ сæвæрын, цӕмӕй дзы, аразгӕ интеллект кæй хонæм, уый дæр архайа. Роботтæ дзуапп дæтдзысты информацион фарстатæн. Афтæмæй операторты куыст 40 проценты фæрогдæр уыдзæн.

Ацы азы кæронмæ республикæйы цæрджытæн уыдзæн фадат сæ нымæцон зонындзинæдтæ фæуæрæхдæр кæнын. Проект бацæттæ кодтой республикæйы хицауад, информацион технологитæ æмæ бастдзинады разамынд. 2200 адæймагæн сараздзысты дæсныйад уæлдæргæнæн ахуыртæ.

Проекты архайджытимæ бакусдзысты онлайн хуызы, эпидемиологон уавæр хынцгæйæ. Нырыккон технологитыл ахуыр кæндзысты лæвар. Бацархайыны бон дзы у, уæлдæр ахуырад кæмæ ис, уыдонӕн.
_________________________
Мы рядом в:
vk.com/irystontv
instagram.com/irystontv
youtube.com/irystontv
twitter.com/irystontv
ok.ru/irystontv

Видео Цæгат Ирыстоны кусын райдыдта цæрæнуæтты коммуналон хæдзарады фарстаты фæдыл ситуацион центр канала iRYSTON TV
Показать
Комментарии отсутствуют
Введите заголовок:

Введите адрес ссылки:

Введите адрес видео с YouTube:

Зарегистрируйтесь или войдите с
Информация о видео
16 ноября 2020 г. 13:46:48
00:03:33
Яндекс.Метрика