Загрузка страницы

Хæрзаудæн фонд «Быть добру» сæрмагонд акцийы фæлгæты æххуыс кæны республикæйы æххуысцух бинонтæн

Хæрзаудæн фонд «Быть добру»-йы ног ахуыры азы агъоммæ бацæттæ кодтой акци «Собери ребёнка в школу», зæгъгæ. Бацархайын дзы йæ бон у алкæмæн дæр. Уый тыххæй Дзæуджыхъæуы цалдæр дуканийы æвæрд æрцыдысты сæрмагонд чыргъæдтæ. Цы ахуырадон дзауматæ дзы æрæмбырд вæййы, уыдон байуарынц æххуысцух стæй бирæсывæллонджын бинонтыл.

Сывæллоны скъоламæ бацæттæ кæнын æнцон хъуыддаг нæу. Хъæуы йын тыхтæ æмæ æхцайы фæрæзтæ. Алы аз бинонтæн сæ фарсмæ æрбалæууынц хæрзаудæн фонд «Быть добру»-йы архайджытæ. Расидынц акци «Собери ребёнка в школу», зæгъгæ. Йæ фæлгæты Хъæрæцаты Кристинæйæн балæвар кодтой ахуырмæ хъæугæ дзауматæ.

Горæты дуканитæй иуы бацæттæ кæнынц сæрмагонд чыргъæдтæ. Сентябры онг йæ къух кæмæн куыд амоны, афтæ акцийы бацархайынц. Чыргъæдты нывæрынц боныгтæ, тетрæдтæ æмæ æндæр алыхуызон ахуырадон гæрзтæ. Уыцы чыргъæдтæ фонд æрвитты æххуысцух бинонтæн.

Акци аразджыты ’хсæн ма республикæйы фæллой æмæ социалон рæзты министрады уæнгтæ. Ацы акци фæнд кæнынц республикæйы районты дæр апарахат кæнын. Ахæм хуызы районты ныййарджытæн дæр баххуыс кæндзысты сабиты скъоламæ рæвдз кæнынмæ.

Æдæппæтæй фонд «Быть добру»-йы руаджы ахуырадон чыргъæдтæ ’рхаудзысты 1500 сывæллонмæ.
_________________________
Мы рядом в:
vk.com/irystontv
instagram.com/irystontv
youtube.com/irystontv
twitter.com/irystontv
ok.ru/irystontv

Видео Хæрзаудæн фонд «Быть добру» сæрмагонд акцийы фæлгæты æххуыс кæны республикæйы æххуысцух бинонтæн канала iRYSTON TV
Показать
Комментарии отсутствуют
Введите заголовок:

Введите адрес ссылки:

Введите адрес видео с YouTube:

Зарегистрируйтесь или войдите с
Информация о видео
19 августа 2021 г. 17:37:02
00:01:44
Яндекс.Метрика