Загрузка страницы

Республикæйы сбæрæг кодтой Хетæджы Уастырджийы бæрæгбон

Райсомæй фæстæмæ, æгъдау куыд амоны, афтæ Ирыстоны алы рæттæй адæм ардæм ныххал сты. Сæ нысан иу уыдис - мысайнæгтæ æмæ кувинæгтæ табуйаг ранмæ фæхæццæ кæнын. Уыцы хæс сæхицæн ахсджиагыл нымайынц алы ирон хæдзары дæр. Хетæджы Уастырджийы бон у нæ иудзинад æмæ æнæмаст цардмæ бæллыны бæрæггæнæн. Уыцы стыр хорзæх нын баззад фыдæлтæй æмæ йыл хъуамæ нæ къух макуы сисæм. Фидæны фæлтæртæ нын уый тыххæй зæгъдзысты «бузныг». 

Тымбыл хъæды къохмæ адæм цыдысты хæдзарыдзаг бинонтæй, сыгъдæг зæрдæ æмæ рухс фæндтимæ, хастой фарны хуынтæ.
Дзуары бынмæ адæм æрбахастой фæйнæ `ртæ æртæдзыхоны, æртыгай фæрсчы æмæ нæртон бæгæны. Семæ ма, æгъдау куыд амоны, афтæ вæййы мысайнаг дæр.
Кæд ивгъуыд æнусы 50-60-æм азты ардæм кувынмæ арæхдæр цыдысты, йæ алыварс цы хъæутæ ис, уыдон, уæд ныр ацы кувæндон ссис æппæт ирон адæмы уарзондæр бынæттæй иу. Хетæджы Дзуары номыл бæрæгбон кæдмæ æййафы, уый фæдыл алыхуызон хъуыдытæ ис, фæлæ сæйрагдæр у Иры дзыллæ æнгом кæй кæны, уый. Æрцæуæг адæмæн сæ цæсгæмттæ циндзинадæй рухс уыдысты.
Хистæр лæггадгæнæг лæг скуывта. Дзуарæй Ирыстонæн ракуырдта амонд, æнæниздзинад æмæ сабырдзинад. Быдыры бæстастæу чи æртыгуыр, уыцы бæлæсты стыр къохæн йæ уæларвон тых бирæтæ абон дæр банкъардтой.
Бæрæгбонмæ сæмбæлдысты Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Битарты Вячеслав æмæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатолий дæр.
Хетæджы Уастырджийы бæрæгбонмæ сæ кувинæгтимæ цæуынц Ирыстоны æппæт къуымтæй: Цæгатæй-Хуссармæ, Хурыскæсæнæй-Хурныгуылæнмæ. Æмæ уый хуымæтæджы нæу: фæдзæхсынц ыл сæ кæстæрты, бæлццæтты, рынчынты æмæ сæ арфæйаг хъуыддæгтæ.
Тымбыл хъæды дзуармæ æрбацæуынæн ис йæхи фæтк æмæ уаг. Кувæндонмæ цæуын æмбæлы сыгъдæг буаримæ, нæ фидауы спортивон æмæ æндæр ронбæгъд уæлæдарæсы къохмæ æмбæлын, афтæ уæдæ хæцæнгарзимæ дæр. Йæ быны нæлгоймаг хъуамæ уа худаист, аив конд, ирд сыгъдæг уæлæдарæсы. Сылгоймæгтæ сæрбæттæнты.
Æвæджиауы рæсугъд къох æдзæмæй лæууы гом арвы бын. Ардыгæй дыргъ æмæ зайæгой нæ, фæлæ бæласы сыф дæр нæй хæссæн. Уый тыххæй бирæ таурæгътæ ис. Иннæ хъæдты хуызæн кæй нæу, уымæ гæсгæ къохæн йæ равзæрды тыххæй дæр ис цалдæр адæмон таурæгъы.
Кувæн бынаты ацы аз концертон программæ нæ уыд. Ахæм уынаффæ рахастой Иры Стыр Ныхасы координацион Советы уæнгтæ. Хетæджы Уастырджийы бон у нæ мидварны арфдæр æвæрæнтæй иу. Ирон адæм ыл фæлтæрæй-фæлтæрмæ иузæрдион сты. Сылгоймæгтæн дзы ис сæхи æгъдау.
Кувæндоны бынмæ стыр хæссинæгтимæ цæуын æнæмæнг хъуыддаг нæу. Дæ къух куыд амоны, афтæ кæн, æцæг сыгъдæгзæрдæйæ. Сыгъдæгæй хъуамæ конд æмæ фых æрцæуой дæ кувинæгтæ дæр. Ирон адæймаг дзуары номыл цыдæриддæр кодта, уый хорз зæрдæйы ахастимæ, æхсызгонæй, сыгъдæг æмæ рæсугъд хъуыдытимæ. Афтæмæй Хетæджы Уастырджийы бæрæгбон - ирон адæмы хæзна фарны хæзна - рæстмæ ахаддзæн, табу йын чи кæны, уыдоныл.
_
Мы рядом в:
vk.com/irystontv
instagram.com/irystontv
youtube.com/irystontv
twitter.com/irystontv
ok.ru/irystontv

Видео Республикæйы сбæрæг кодтой Хетæджы Уастырджийы бæрæгбон канала iRYSTON TV
Показать
Комментарии отсутствуют
Введите заголовок:

Введите адрес ссылки:

Введите адрес видео с YouTube:

Зарегистрируйтесь или войдите с
Информация о видео
14 июля 2019 г. 23:31:15
00:06:39
Яндекс.Метрика