Цæгат Ирыстоны зынгхуыссынгæнæн службæйыл æххæст кæны 160 азы
Баххуыс кæнынмæ алкæддæр цæттæ. Цæгат Ирыстоны зынгхуыссынгæнæнджыты службæ абон бæрæг кæны юбилей. 160 азы размæ нæ республикæйы фæзынд фыццаг зынгхуыссынгæнæг къордтæ. Уый фæдыл нæ республикæйы ирвæзынгæнджыты сæрмагонд хайад равдыстой сæ арæхстдзинад ахуырты.
Телефоны дзæнгæрæг. Диспетчер фæнысан кодта хъæугæ информаци. Рацийы руаджы йæ фæхæццæ кæны зынгхуыссынгæнджытæм. Телефоны дзæнгæрæгæй фæдисы тахт акæныны 'хсæн рæстæг вæййы иу минут.
Мæнг зынгсирвæзт æрцыд дыууæуæладзыгон бæстыхайы. Адæймаджы цард бахъахъхъæнæн ис ирвæзынгæнджыты сæрæн æвнæлд æмæ цæттæдзинады фæрцы.
Сæрмагонд хайад ифтонггонд у зынгхуыссынгæнæн-ирвæзынгæнæн хъæугæ гæрзтæ æмæ бастдзинадæй. Се 'хсæн – зынгимæ тохгæнæг мобилон робот. Кæд бакæсгæйæ чысыл у, уæддæр йæ бон у тыхджын зынгсирвæзтимæ тох кæнын. Ахады раст 200 метры дæрддзæгыл.
Ирвæзынгæнджытæ кæд хъайтартæ сты, уæд дзурынмæ та тынг æфсæрмы кæнынц. Се `хсардзинад æмæ уды фидардзинады руаджы сæхиуыл хъуыды дæр нæ акæнынц, афтæмæй атындзынц стыр бæллæх иуварс кæнынмæ. Сæ фылдæры адæмы фыдбылызæй ирвæзын кæнын фæндыд сабийæ нырмæ. Хуымæтæджы нæ. Зæгъæм, Æгкацаты Руслан чысылæй нырмæ йæ фыды уыдта адæмы номыл кусгæйæ. Йæхицæн æндæр куысты бынат агургæ дæр нал бакодта.
Цæгат Ирыстоны зынгхуыссынгæнæнджыты службæ равзæрд 19 апрелы 1861 азы. Уæд республикæйы байгом дыууæ зынгхуыссынгæнæн хайады. Куыдфæстæмæ службæ егъауæй-егъаудæр кодта. Ныртæккæ Цæгат Ирыстоны ис зынгхуыссынгæнæн-ирвæзынгæнæн 17 хайады, иу сæрмагонд хайад та – егъау фыдбылызтæ иуварс кæнынæн. 160 азмæ бахъахъхъæдтой мингай царды æмæ ахуыссын кодтой дæсгай зынгсирвæзты. Уыцы `гъдау кад æмæ радæй æххæст кæнынц ныр дæр Уæрæсейы ирвæзынгæнджыты службæйы сконды уæвгæйæ. Сæ сæйраг хæсыл нымайынц фыдбылыз ма `руадзын æмæ адæймаджы фарсмæ йæ тыхсты сахат балæууын.
_________________________
Мы рядом в:
vk.com/irystontv
instagram.com/irystontv
youtube.com/irystontv
twitter.com/irystontv
ok.ru/irystontv
Видео Цæгат Ирыстоны зынгхуыссынгæнæн службæйыл æххæст кæны 160 азы канала iRYSTON TV

Показать
Комментарии отсутствуют
Информация о видео
Другие видео канала
Сергей Меняйло побывал на предприятии «Казачий хутор»«Ласковый дом» I #ДокХабæрттæ // 2024 / 11 июняНовости Осетии// 2023/ 6 мартаТамара Сокаева | НараспашкуНовости Осетии// 2023/ 5 июняНовости Осетии// 2023/ 3 февраляАслан Галазов | Истории из жизниХæтæлдон I ФæрдгуытæВиталий Васильев I Не 'взаг - сæ хæзнаНейродермит, рак кожи, методы удаления злокачественных кожных новообразований I МедикумУæллаг Ходы дзуæрттæ I Фыдæлты уæзæгмæЭкспонатыДзоцъиты Тимур, Тыбылты Леонид ӕмӕ Толасты Луизӕ I Аивады фӕзНовости Осетии// 2023/ 28 апреляАкадемический русский театр представит премьеру спектакля «Иван Васильевич»Медицина в годы Великой Отечественной войны I ГвардияИнтервью с консультантом сектора по орг. работы при заключении соц контрактов Константином АбаевымНовости Осетии // 2022 / 20 июняРозалина Сичинава, «Мозгобойня» и участники шоу «Голос. Дети» I РафинадНовости Осетии// 2023/ 19 июня