Сырх-Дыгуры цæрæг Салæгаты бинонтæ ныртæккæ сты зын уавæры
Фыдбылыз дам иунæг нæ вæййы. Сырх-Дыгуры цæрæг Салæгаты бинонтæ ныртæккæ сты зын уавæры. Хæдзары дарæг, 6 сывæллоны фыд Батрадз 5 азы тох кодта йæ низимæ, фæлæ 2 къуырийы размæ йæ цардæй ахицæн. Ныр стыр бинонтæ сты æххуысхъуаг. Цæмæй сæм хъæуы фæкæсын æмæ кæуыл дарынц сæ зæрдæ, уый тыххæй Гуытьиаты Алинæйы æрмæг.
Салæгаты бинонты æрæджы æрцыд стыр фыдбылыз. Сæ хæдзардарæг Батрадз фондз азы дæргъы хъæрзыдта уыргты низæй. Дыууæ бонæй дыууæ бонмæ йæ хъуыдис Æрыдонмæ гемодиализмæ цæуын. Уыцы иу рæстæг нæлгоймаг куыста, йæ бинонты дардта. Дыууæ къуырийы размæ Батрадз йæ цардæй ахицæн. Æнæдарæгæй баззадысты йæ мад, йæ цардæмбал æмæ æхсæз æнахъом сывæллоны.
Батраз райдыдта ног хæдзар аразын. Самадтой йын йæ къултæ. Ныртæккæ цы хæдзары цæрынц, уый банымадтой кæлæддзагыл. Йæ цар тæдзы, уæдæ дзы хъармгæнæн дæр нæй. Хæдзар тæфсы æрмæстдæр бацæуæны цы газы пец лæууы, уымæй. Бинонтæ курынц, цæмæй сын баххуыс кæной, кæнæ арæзтадон æрмæджытæ балхæнынмæ, кæнæ та æхцайæ. Сæ сыхæгтæ та сæм фæкæсдзысты хæдзар самайынмæ.
Администрацимæ æххуысагур бинонтæ нæма бацыдысты. Закъонмæ гæсгæ, сывæллæттæн сæ дарæг кæй фесæфт, уый тыххæй æмбæлы фиддонтæ. Уый сын хорз фæрæз уаид сæ фыццаградон хъуагдзинæдтæ сæххæст кæнынмæ, стæй кæстæртæн скъолайы æмæ сывæллæтты рæвдауæндоны хъарм хæринагæн фидынæн.
Цæмæй сæ цот мацы хъуаг уой, уый тыххæй Розæ æмæ Раминæ цæттæ сты цыфæнды куыстмæ дæр. Уæдæ царды аккаг уавæртæ скæнынмæ кæлæддзаг хæдзар хъæуы ныууадзын æмæ ног саразын. Сæйрагдæр та у бинонты сæхимæ ныхъхъусын ма бауадзын.
Гуытъиаты Алинæ
----------
Сайт ГТРК "Алания" - http://alaniatv.ru/
Facebook - https://www.facebook.com/alaniatvru/
Instagram - https://www.instagram.com/alaniatvru/
Telegram - http://t.me/alaniatvru
ВКонтакте - https://vk.com/alaniatvru
Twitter - https://twitter.com/alaniaTVru
Видео Сырх-Дыгуры цæрæг Салæгаты бинонтæ ныртæккæ сты зын уавæры канала ГТРК Алания

Показать
Комментарии отсутствуют
Информация о видео
Другие видео канала
Хетæджы Уастырджыйы бæрæгбонХъарман-Сындзыхъæуы | ФæрдгуытæФЫДАЛТЫ УÆЗÆГМÆ. АЛАРДЫЙЫ БÆРÆГБОН ДАГОМЫ // 19.04.2016Байсонгуровы. БинонтæФыдæлты уæзæгмæ. Зруджы Зæрин Майрæмы бæрæгбонИрон аивады хæзнадон. Альбина БаеваЗæрдæмæ фæндаг. Челдыты ВадимТуристы сетуют на неразвитость придорожной инфраструктуры в Северной ОсетииАРТДЗӔСТ. Хаталдон // 13.09.2017Документальный фильм «Жале»Красивая свадьба. Из Осетии в КабардуВо Владикавказе появился Дом войлокаЧындздзон чызг. Выпуск 2Жители Дзуарикау определили объект для участия в проекте «Формирование комфортной городской среды»НЕ’ВЗАГ – СÆ ХÆЗНА. ГЕННАДИЙ ПЕРЕВЕДЕНЦЕВ // 23.05.2017Фыдæлты уæзæгмæ. Уæллаг Мызуры хъæутæВ этом месяце в Северной Осетии после капремонта сдаются два домапервый этаж, по запросу можем отправить второй этажФЫДÆЛТЫ УÆЗÆГМÆ. ХЕТÆДЖЫ УАСТЫРДЖИЙЫ БÆРÆГБОН // 25.07.2017