Загрузка страницы

Аэропорт «Дзæуджыхъæу» ы кусджытæ сæмбæлдысты юбилейон пассажирыл

Аэропорты абон сæмбæлдысты 500 минæм пассажирыл. Чызгæн æнæнхъæлæджы лæвар скодтой йæ рейсы хæдразмæ. Пассажиртæн ма аэропорт фехъусын кодта æхсызгон хабæрттæ.

Бураты Данæ разынд аэропорт «Дзæуджыхъæу»-ы 500 минæм пассажир. Студенткæйыл кадджын уавæры сæмбæлдысты аэропорты кусджытæ. Ахæм бæрæгбон ын бацæттæ кæндзысты, уый æнхъæл дæр нæ уыд. Регистарцийы цур, æфсæрмыгæнгæ, æнхъæлмæ кæсы йæ лæвармæ.

Æнæрхъуыдыйæ нæ ныууагътой иннæ пассажирты дæр. Бацæттæ сын кодтой зæрдылдарæн лæвæрттæ.

Сырх денджызы был улæфын чи уарзы, уыдонæн дæр ис æхсызгон хъусынгæнинаг. 9-æм октябрæй фæстæмæ Беслæнæй уыдзæн атæхæн Хургадæмæ. Ахæм фадат нæ уыд 7 азы дæргъы. Египеты курорттæ уарзон сты нæ бæстæйы цæрджыты 'хсæн.

1-æм ноябрæй та байгом уыдзæн ног рейс Дзæуджыхъæу-Стамбул. Аэропортæй Турцимæ атæхæн уыдзæн къуыри дыууæ хатты.
_________________________
Мы рядом в:
vk.com/irystontv
instagram.com/irystontv
youtube.com/irystontv
twitter.com/irystontv
ok.ru/irystontv

Видео Аэропорт «Дзæуджыхъæу» ы кусджытæ сæмбæлдысты юбилейон пассажирыл канала iRYSTON TV
Показать
Комментарии отсутствуют
Введите заголовок:

Введите адрес ссылки:

Введите адрес видео с YouTube:

Зарегистрируйтесь или войдите с
Информация о видео
23 сентября 2021 г. 22:35:39
00:01:33
Яндекс.Метрика