Загрузка страницы

Фæрниаты Тамерлан бæрæг кæны Дзæуджыхъæуы фæлладуадзæн бынæтты арæзтадон куыстыты хæрзхъæддзинад

Горæты цæрджытæн æмæ уазджытæн - рæсугъд лæвар. Дзæуджыхъæуы фонтанты фæзы цæуынц арæзтадон куыстытæ. Фæлладуадзæн бынат йæ хуыз скалдзæн сæрды райдиан. Ивынц донцъирæн системæйы хæтæлтæ, базилдзысты фæзуатмæ дæр. Куыстытæ куыд æххæстгонд цæуынц, уымæ йæ цæст дары горæты администрацийы сæргълæууæг Фæрниаты Тамерлан.

Техникæйы уынæр фонтанты фæзы не 'нцайы. Куыстытæ цæуынц æрвылбон, райсомæй изæрмæ. Аразджытæ архайынц фæзы уæлцъар банывыл кæныныл, ивынц хæтæлтæ, æмæ бетон кæнынц фонтаны сæйраг хай.

Куыстытæ куыд æххæстгонд цæуынц, уымæ йæ цæст дары Дзæуджыхъæуы мэр Фæрниаты Тамерлан. Куыд зæгъы, афтæмæй ацы бынат адæмæн хъуамæ уа зæрдæмæдзæугæ.

Уавæр хынцгæйæ аразджытæ фæнд кæнынц бæрæггонд рæстæгæй раздæй фæуын æппæт куыстытæ. Цæмæй Дзæуджыхъæуы цæрджытæ, стæй горæты уазджытæ ацы фæлладуадзæн фæзыл рæхсджы цин кæной. Куыстытæ фæуыдзысты сæрды райдианмæ.

Проектмæ гæсгæ ам сараздзысты сывæллæттæн хъазæн æмæ спортивон фæзтæ. Уæдæ зымæгон спорты хуызтæ чи уарзы, уыдоны зæрдæтæ дæр барухс кæндзысты. Фонтанты фæзы фарсмæ фæзындзæн ихын аренæ. Уæвгæ, цалдæр азы фонтантæ нæ куыстой. Фæлæ «Цæрджытæн æнцонвадат уавæртæ царды архайд»-ы программæ æхæстгæнгæйæ уавæр хорзырдæм ивы. Рацарæзтæн радих кодтой 48 милуан сомæй фылдæр.

Фæрниаты Тамерлан ма æркаст Сабырдзинады проспекты рацарæзт куыд цæуы, уымæ дæр. Ныртæккæ архайынц Горькийы номыл уынгæй Дзанайы фырты номыл уынджы онг хайыл. Фæуыдзысты куыстытæ ноябыры кæронмæ. Проспекты рахиз фарс баивтой дзондзæуæн хæтæлтæ, электрон тыхы телтæ. куыстытæ кæнгæйæ аразджыты размæ фесты историон нысаниуæг кæмæн ис, ахæм æвдисæнтæ. Хъæуы сæ бахъахъхъæнын. Хæстæг рæстæг ма бакусдзысты Ленины фæз сног кæныны хъуыддагыл дæр.
_________________________
Мы рядом в:
vk.com/irystontv
instagram.com/irystontv
youtube.com/irystontv
twitter.com/irystontv
ok.ru/irystontv

Видео Фæрниаты Тамерлан бæрæг кæны Дзæуджыхъæуы фæлладуадзæн бынæтты арæзтадон куыстыты хæрзхъæддзинад канала iRYSTON TV
Показать
Комментарии отсутствуют
Введите заголовок:

Введите адрес ссылки:

Введите адрес видео с YouTube:

Зарегистрируйтесь или войдите с
Информация о видео
16 апреля 2021 г. 0:00:24
00:02:52
Яндекс.Метрика