Ирон куадзæны мидис
Куадзæны бæрæгбон алы хъæу дæр алыхуызон кодтой, уымæн æмæ чи уырысы æгъдæуттæм хæстæгдæр фæцис, чи та гуырдзыйы, аннæтæ та ирæн сæхи рагондæр æгъдæуттæм. Куадзæны бон хъæубæстæн вæййы стыр куывд, фысым та — сыхгай, æмæ уыцы сых рагацау æнæхъæн хъæуæй æрæмбырд кæнынц къусбарæй зад æмæ сæ бахсидынц бæгæны. Афтæ сæ æрæмбырд жæнынц æхца дæр æмæ балхæнынц кусæрттаг. Стыр хъæу хъуамæ дыууæ галы дæр балхæной, гыццыл хъæу та, цас сæм æрæмбырд вæййы, уымæ гæсгæ. Фысым цы хæдзæрттæ вæййынц, уыдон куывд, куыд æмбæлы, афтæ куы сцæттæ кæнынц, уæд арвитынц хъæумæ хонæг. Адæм æрцæуынц, алы хæдзар дæр æрхæссы æртæ уæлибæхы. Куы æрæмбырд вæййынц, уæд хистæртæм бахæссынц чъиритæ, физонæг, нозт, æмæ уыдон скувынц, адæм сæ ком хорзы боны уагъд куыд скæной, уый тыххæй. Фæсивæд хъазт скæнынц, хъæуы астæу искуы фæкафынц талынгтæм. Иннæ фæсивæд херы саразынц æмæ уым сæхи ирхæфсынц. Куадзæны бон дæр фæхæссынц хуынтæ, чи йæ чындзæн, чи — кæмæн, чи —кæмæн.
Видео Ирон куадзæны мидис канала IUDZINAD IRONDZINAD
Видео Ирон куадзæны мидис канала IUDZINAD IRONDZINAD
Показать
Комментарии отсутствуют
Информация о видео
Другие видео канала
Иумайæг у нæ растдзинадыл тохФинал Республиканского конкурса "Ирон дæн æз"Æвдазы хосIRON ÆvzagРабочая встреча "Дзуары лæгкадгæнджыттæ" . ДзивгисХистæрты æмæ фæсивæды бастдзинадСто лет со дня рождения Юрия КучиеваГалагонс Лац Куртатинское ущельеОбращение организации "Иудзинад"Утраченные знания АфсатиКуыд æмбæлы цауын табуйаг бынæттæмИерархический строй духовных сил Осетин (второй сюжет)Хуымгæнæны мæйы бæрæгбæттæХуыцауы дзуарÆлутонДзуар цы уПринцип построения сельхозкалендаряИрыстоны бæрæгбонты НомхыгъдИерархический строй духовных сил Осетин (первый сюжет)Уастырджийы барæгбоны фæдыл, цыбыр ныхас