Загрузка страницы

Джызæлы цæрджытæ бæрæг кæнынц Уастырджимæ кувæн къуыри

Лæгты дзуармæ кувæн къуыримæ адæм сæхи фæцæттæ кæнынц рагагъоммæ. Ноябры æртыккаг хуыцаубон хонынц Галæргæвдæн. Уæд бæрæгбоныл, фыццаджыдæр бацин кæнынц, нывонд галтæ цы хæдзæртты ис, уыдон. Джызæлы цæрджытæ дæр рагон æгъдау æххæст кæнынц. Хуыцаубоны райсомæй раджы йæ къух кæмæн куыд амоны, афтæ акодтой кусартытæ.

Джызæлы цæрджытæ Уастырджимæ кувæн къуыри бӕрӕг кæнынц фыдæлты æгъдаумæ гæсгæ. Æрвылаз ноябры æртыккаг хуыцаубоны вæййы Галæргæвдæн. Бæрæгбонмæ алы хæдзар, алы бинонтæ дæр рагацау сæхи бацæттæ кæнынц. Йæ къух кæмæн куыд амоны, афтæ кусарт акæны. Джеоргуыбайы хуыцаубон нæ фыдæлтæ хуыдтой Хуыцауæн йæ зæххмæ кæсæн бонтæй иу.

Галæргæвдæн хуыцаубоны Джызæлы хъæубæсты нæлгоймæгтæй кусарт кæнынмæ хуыздæр чи арæхсы, уыдон райсомæй раджы райдайынц кусæрттæгтимæ архайын. Бæлвырддæр та: фæзилынц, нывонд галтæ цы хæдзæртты ис, уыдоныл. Джызæлы цæрæг Хъыргъаты Владимиры ныхæстæм гæсгæ, фæсивæд фæархайынц нæ кадджын фыдæлты æгъдау æнæ ивддзинæдтæй æххæст кæныныл, рагон æгъдауы арф мидис ма фехалгæйæ.

Кувæн къуырийы дæргъы адæм скæнынц æртыгай чъиритæ. Уæлдай зæрдиагдæр ракувынæн æфсинтæ рахсидынц нæртон бæгæны, сцæттæ кæнынц дзадджын фынгтæ. Уæвгæ, сылгоймæгтæн ацы къуырийы вæййы сæхи æгъдау æмæ хидарыны фæтк.

Джызæлы кæстæртæм æгъдау дæттыны хъуыддаджы аипп ссарын æмæ сæм фау æрхæссæн зын у. Алчидæр сæ архайы бæрæгбонмæ бахæссын фылдæр æвæрæн. Чи лæггад кæны, чи кусарты куыст кæны. Сæйрагдæр сын у хистæрты амынддзинæдтæ æххæст кæнын. Фæсивæдæн ирон рæсугъд æгъдæуттæ чысылæй райдайынц æмбарын кæнын.

Хистæрæй кæстæрмæ, Цæгатæй Хуссармæ аллы аз дӕр Иры дзыллæ сæ бæрæгбон скæнынц æгас сыхæй, ӕнæхъæн хъæубæстæй. Саразынц хъаз æмæ ерыстæ. Æргом дзуарæй ракуырынц, цæмæй сыл иннæ аз ноджы хуыздæр æмæ рæсугъддæрæй æрхæццæ нæ бæрæгбон. Ацы аз, эпидемиологон уавæрмæ гæсгæ, адæмæн егъау мадзæлттæ кæныны фадат нæй, уæддæр сæ ис ныфс, фидæнмæ йыл æнæниз æмæ зæрдæрухсæй кæй сæмбæлдзысты.
_________________________
Мы рядом в:
vk.com/irystontv
instagram.com/irystontv
youtube.com/irystontv
twitter.com/irystontv
ok.ru/irystontv

Видео Джызæлы цæрджытæ бæрæг кæнынц Уастырджимæ кувæн къуыри канала iRYSTON TV
Показать
Комментарии отсутствуют
Введите заголовок:

Введите адрес ссылки:

Введите адрес видео с YouTube:

Зарегистрируйтесь или войдите с
Информация о видео
23 ноября 2020 г. 23:03:34
00:04:38
Другие видео канала
Хъахъхъадур | ФæрдгуытæХъахъхъадур | ФæрдгуытæФарнхæссæг авдæн нæ дуджы | ÆндæхтæФарнхæссæг авдæн нæ дуджы | ÆндæхтæИрон изæр. ДжеоргуыбаИрон изæр. ДжеоргуыбаМыкалгабыртæ. МидисМыкалгабыртæ. МидисДигорайы бæрæг кæнынц Уастырджимæ кувæн къуыриДигорайы бæрæг кæнынц Уастырджимæ кувæн къуыриУæллаг Ларсы контролон-уадзæн пункт райдайдзысты цалцæг кæнын 2021-æм азыУæллаг Ларсы контролон-уадзæн пункт райдайдзысты цалцæг кæнын 2021-æм азыХицауад иронау цæуылнæ дзурынц?| СасирХицауад иронау цæуылнæ дзурынц?| СасирТолдзгун I ФæрдгуытæТолдзгун I ФæрдгуытæГæбуты Жаннæ æмæ Сугъаты Хъазыбег. Дæ дзыхыл МА хæц!Гæбуты Жаннæ æмæ Сугъаты Хъазыбег. Дæ дзыхыл МА хæц!Цымыдисаг дæсныйæдтæ I СæумæрайсомЦымыдисаг дæсныйæдтæ I СæумæрайсомЦæгат Ирыстоны сæргълæууæг Битарты Вячеслав арфæ ракодта Уастырджимæ кувæн къуырийы фæдылЦæгат Ирыстоны сæргълæууæг Битарты Вячеслав арфæ ракодта Уастырджимæ кувæн къуырийы фæдылУастырджимæ кувæн къуыри | СæумæрайсомУастырджимæ кувæн къуыри | СæумæрайсомДзæуджыхъæуы Цоколайы фырты номыл уынджы 16-æм, 18-æм хæдзары цæрджытæ бæрæг кæнынц ДжеоргуыбаДзæуджыхъæуы Цоколайы фырты номыл уынджы 16-æм, 18-æм хæдзары цæрджытæ бæрæг кæнынц ДжеоргуыбаАхæм хабæрттæ // 2020 / 23 ноябряАхæм хабæрттæ // 2020 / 23 ноябряИнтервью Сочийы ирон диаспорайы сæрдар Мæргъиты АнатолиимæИнтервью Сочийы ирон диаспорайы сæрдар Мæргъиты АнатолиимæБæрæгбоны æртæ чъирийы хæдзары кæнæм æви дуканийы æлхæнæм?Бæрæгбоны æртæ чъирийы хæдзары кæнæм æви дуканийы æлхæнæм?Фыдæлты уæзæгмæ. Ариаг адæмы фæдонтæФыдæлты уæзæгмæ. Ариаг адæмы фæдонтæЧындзæхсæв #МидисЧындзæхсæв #МидисКæрдзын. Комæй-коммæКæрдзын. Комæй-коммæКувын æмæ кувæндон #Ныхасы фæдылКувын æмæ кувæндон #Ныхасы фæдыл
Яндекс.Метрика